Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕфсымӕртӕ хӕлӕг кодтой Иосифмӕ, фӕлӕ йӕ фыд уыцы хабар йӕ зӕрдыл бадардта. Мадиамаг сӕудӕджертӕ сӕ рӕзты куы рацӕйцыдысты, уӕд ӕфсымӕртӕ Иосифы сластой уӕрмӕй, ӕмӕ йӕ измаилӕгтӕн ауӕй кодтой ссӕдз ӕвзист сиклыл. Уыдон та йӕ семӕ акодтой Мысырмӕ. Иосифы та измаилӕгтӕ ӕркодтой Мысырмӕ, ӕмӕ йӕ уым уыдонӕй балхӕдта мысыраг Потифар, фараоны фӕсдзӕуинтӕй иу – йӕ хъахъӕнджыты хистӕр. Хуыцау уыдис Иосифимӕ; ӕмӕ Иосиф йӕ мысыраг хицауы хӕдзары уыд ӕнтыстджын йӕ алы хъуыддаджы дӕр. Йӕ хицау федта, Хуыцау кӕй ис Иосифимӕ – цавӕрфӕнды хъуыддагмӕ ма бавнала, Хуыцау ын дӕтты ӕнтыст. Фӕлӕ ам дӕр Хуыцау уыдис Иосифимӕ, ӕмӕ йӕм равдыста Йӕ хорзӕх – ахӕстоны хицау ӕм ракаст дзӕбӕх цӕстӕй. Иосифы бӕрны цы уыди, уыдӕттыл ахӕстоны хицау уыд ӕнӕмӕт; уымӕн ӕмӕ Хуыцау уыдис Иосифимӕ, ӕмӕ йын йӕ алы хъуыддаджы дӕр лӕвӕрдта ӕнтыст. Уӕд сын Иосиф загъта: «Хӕстӕг мӕм ӕрбацӕут». Уыдон ӕм куы бацыдысты, уӕд та сын загъта: «Ӕз Иосиф дӕн, сымах Мысырмӕ кӕй ауӕй кодтат, уӕ уыцы ӕфсымӕр.
Выбор основного перевода