Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Мӕ фыды хӕдзарӕй ӕмӕ мӕ райгуырӕн зӕххӕй мӕн Чи ракодта, мемӕ Чи дзырдта ӕмӕ мын афтӕ Чи расомы кодта: „Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн“, уыцы Дунедарӕг, уӕлӕрвты Хуыцау, дӕ разӕй арвитдзӕн Йӕ зӕды, ӕмӕ ды уырдыгӕй ӕркӕндзынӕ ус мӕ фыртӕн. Паддзах загъта йӕ адӕмӕн: «Акӕсутма израилаг адӕммӕ, сты бирӕ ӕмӕ махӕй тыхджындӕр. Мах зондджындӕр хъуамӕ разынӕм уыдонӕй, науӕд ӕгӕр сбирӕ уыдзысты, ӕмӕ хӕст куы уа, уӕд не знӕгты фарс фӕуыдзысты, схӕцдзысты немӕ ӕмӕ ацӕудзысты нӕ бӕстӕйӕ». Ӕмӕ израилӕгтӕн сӕргъы сӕвӕрдтой хицӕуттӕ; уыдон сӕ ӕфтыдтой тӕккӕ уӕззаудӕр куыстытыл, хъизӕмарӕй сӕ мардтой. Ӕмӕ хор ӕфснайынӕн израилӕгтӕ фараонӕн сарӕзтой Пифомы ӕмӕ Раамсесы сахартӕ. Дзуттаг сылгоймӕгтӕм арыны рӕстӕг сӕ цӕст дардтой ӕвгъӕдгӕс устытӕ Шифрӕ ӕмӕ Фуа. Мысыры паддзах сын бафӕдзӕхста: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕм арыны рӕстӕг уӕ цӕст дарут: лӕппу куы райгуыра, уӕд ӕй амарут; чызг куы уа, уӕд ӕй ныууадзут удӕгасӕй». Фӕлӕ ӕвгъӕдгӕс устытӕ тарстысты Хуыцауӕй, ӕмӕ мысыраг паддзахы ныхасмӕ нӕ хъуыстой; сывӕллӕттыиу ныууагътой удӕгасӕй. Уӕд паддзах басидт ӕвгъӕдгӕс устытӕм ӕмӕ сӕ бафарста: «Уый цы хабар у? Сывӕллӕтты удӕгасӕй цӕмӕн ныууадзут?» Устытӕ дзуапп радтой фараонӕн: «Дзуттаг сылгоймӕгты мысыраг сылгоймӕгтимӕ ма бар; уыдон фидар сты, ӕмӕ сӕм цалынмӕ ӕвгъӕдгӕс бахӕццӕ вӕййы, уӕдмӕ ныййарынц». Уый тыххӕй ӕвгъӕдгӕс устытыл Хуыцау ӕфтыдта Йӕ хорзӕх, ӕмӕ израилаг адӕм кодтой фылдӕрӕйфылдӕр ӕмӕ тыхджынӕйтыхджындӕр. Ӕвгъӕдгӕс устытӕ Хуыцауӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй сын Хуыцау Йӕ арфӕ ӕфтыдта сӕ хӕдзӕрттыл. Уӕд фараон йеппӕт адӕмӕн радта бардзырд: «Дзуттӕгты алы ноггуырд лӕппуйы дӕр ӕппарут Нилы цӕугӕдонмӕ, чызджыты та уадзут удӕгасӕй».
Выбор основного перевода