Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау фӕзынд Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Кӕм ӕм фӕзынд, уым Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Цы зӕхх уыныс, уый Ӕз ӕгасӕй дӕр мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. Дӕуӕн, дӕ фӕстӕ та дӕ байзӕддӕгтӕн, Ӕз ратдзынӕн, ды ныртӕккӕ ӕрцӕуӕггаг кӕуыл дӕ, Ханааны уыцы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Ӕз ӕй мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау». Ӕмӕ мын загъта: „Ӕз дын ратдзынӕн бирӕ байзӕддӕгтӕ, сбирӕ дӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рауадздзынӕн бирӕ адӕмтӕ, ӕмӕ дӕ фӕстӕ ацы зӕхх ӕнусмӕ ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн“.
Выбор основного перевода