Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ йын дарддӕр ӕмбӕхсӕн куы нал уыд, уӕд райста хъӕзӕй чыргъӕд, байсӕрста йӕ писийӕ, нывӕрдта дзы ноггуырды, ӕмӕ чыргъӕд сӕвӕрдта цӕугӕдоны былыл, хъӕзы. Сывӕллонмӕ йӕ хо дӕрддзӕфӕй йӕ цӕст дардта, цы фӕуыдзӕни, зӕгъгӕ. Уыцы рӕстӕг цӕугӕдонмӕ, йӕхи найынмӕ, рацыди фараоны чызг; йемӕ цы лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕ уыди, уыдон тезгъо кодтой цӕугӕдоны былыл. Фараоны чызг хъӕзы ауыдта чыргъӕд, ӕмӕ йӕм ӕрбахӕссынмӕ арвыста йӕ цагъар сылгоймаджы. Чыргъӕды сӕр систа, ӕмӕ дзы разынди лӕппу; сывӕллон куыдта; фараоны чызг ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ загъта: «Дзуттӕгты сывӕллӕттӕй у». Сывӕллоны хо фараоны чызджы бафарста: «Ацӕуон ӕмӕ дын дзуттаг устытӕй дзидзидарӕг ӕрбахонон, ацы сывӕллоны дын куыд схӕсса, афтӕ?» Фараоны чызг ын загъта: «Ацу». Чызг ацыд ӕмӕ ӕрбахуыдта сывӕллоны мады. Фараоны чызг ын загъта: «Айс ацы сывӕллоны, ӕмӕ йӕ схӕсс мӕнӕн; ӕз дын хӕссӕггаг бафиддзынӕн». Сылгоймаг айста сывӕллоны ӕмӕ йӕ хаста. Сывӕллон куы рахъомыл, уӕд ӕй ӕрбахуыдта фараоны чызгмӕ; фараоны чызг дзы йӕхицӕн загъта фырт, ӕмӕ йӕ схуыдта Моисей, уымӕн ӕмӕ загъта: «Ӕз ӕй цӕугӕдонӕй систон».
Выбор основного перевода