Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ды кӕй ӕххӕст кӕндзынӕ, дӕ фӕстӕ та дӕ байзӕддӕгтӕ кӕй ӕххӕст кӕндзысты, мӕнӕ Мӕ уыцы фидыд: сунӕтгонд уӕд уӕ алы нӕлгоймаг дӕр. Лыг кӕнут уӕ буары уӕнджы кӕрон – уый уыдзӕн ӕвдисӕйнаг, Мӕн ӕмӕ уе 'хсӕн фидыд кӕй ис, уымӕн. Алы лӕппу дӕр сунӕтгонд хъуамӕ ӕрцӕуа йӕ райгуырынӕй ӕстӕм бон – афтӕ уӕм уӕд фӕлтӕрӕйфӕлтӕрмӕ: хӕдзары чи райгуырд, уый дӕр, стӕй дӕ байзӕддагӕй чи нӕу, фӕлӕ ӕцӕгӕлонӕй ӕхцайӕ кӕй балхӕдтай, уый дӕр. Ӕнӕмӕнг сунӕтгонд уӕд, дӕ хӕдзары чи райгуырд, уый дӕр, ӕмӕ де 'хцайӕ кӕй балхӕдтай, уый дӕр. Афтӕмӕй Мӕ фидыд уӕ буарыл уыдзӕни мыггагмӕйы фидыд. Нӕлгоймӕгтӕй сунӕтгонд чи нӕ уа – йӕ буары уӕнджы кӕрон лыг кӕмӕн нӕ уа, – уый хъодыгонд уыдзӕн йӕ адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ фехӕлдта Мӕ фидыд». Саррӕ басывӕрджын, ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн кӕдмӕ загъта, уыцы ӕмгъуыдмӕ Авраамӕн йӕ зӕронды бонты ныййардта фырт. Саррӕ йын кӕй ныййардта, йӕ уыцы фыртыл Авраам сӕвӕрдта ном Исаак. Исаакыл аст боны куы рацыд, уӕд ын Авраам скодта сунӕт, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Уый фӕстӕ райгуырд йе 'фсымӕр: мады гуыбынӕй рацыд йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕ; ӕмӕ йыл сӕвӕрдтой Иаков. Куы райгуырдысты, уӕд Исаакыл цыдис ӕртиссӕдз азы. Иаков Лиайы кӕй нӕ уарзта, уый Хуыцау федта ӕмӕ Лиайӕн радта зӕнӕг; Рахил та ӕнӕзӕнӕг уыди. Лиа басывӕрджын, ныййардта лӕппу, сӕвӕрдта йыл ном – Рувим, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Хуыцау федта мӕ хъизӕмар; ныр мӕ ӕнӕмӕнг бауарздзӕн мӕ мой». Лиа ноджыдӕр басывӕрджын, ныййардта лӕппу ӕмӕ загъта: «Мӕ лӕг мӕ кӕй нӕ уарзы, уый фехъуыста Хуыцау, ӕмӕ мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Лиа йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Симеон. Лиа та ногӕй басывӕрджын, ныййардта лӕппу ӕмӕ загъта: «Ныр мӕ лӕг мӕнӕй фылдӕр никӕйуал уарздзӕн – ӕртӕ фырты йын ныййардтон». Уымӕ гӕсгӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном, – Левий. Лиа та басывӕрджын, ныййардта лӕппу ӕмӕ загъта: «Ныр ӕз арфӕ ракӕндзынӕн Хуыцауӕн». Уымӕ гӕсгӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Иуда. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ зӕнӕг нал цыди. Иаковӕн сывӕллӕттӕ кӕй нӕ ары, уый куы федта Рахил, уӕд хӕлӕг кӕнын райдыдта йӕ хомӕ, ӕмӕ загъта Иаковӕн: «Ратт мын сывӕллӕттӕ, науӕд амӕлдзынӕн». Иаков ӕм смӕсты ӕмӕ загъта: «Зӕнӕг дын Чи нӕ дӕтты, ӕз уыцы Хуыцауы бынаты дӕн, мыййаг?» Рахил загъта: «Мӕнӕ дын мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Валлӕ; ӕриу у йемӕ, цӕмӕй ныййара ӕмӕ мӕнӕн дӕр уа цот». Ӕмӕ Рахил йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы Иаковӕн радта усӕн; Иаков бацард йемӕ. Валлӕ басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта лӕппу. Уӕд Рахил загъта: «Хуыцау мӕ сраст кодта; фехъуыста мӕ кувын, ӕмӕ мын радта лӕппу». Уымӕ гӕсгӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Дан. Рахилы лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Валлӕ ноджыдӕр басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта дыккаг лӕппу. Уӕд Рахил загъта: «Стыр тохы бацыдтӕн мӕ хоимӕ, ӕмӕ фӕуӕлахиз дӕн». Ӕмӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Неффалим. Лиа базыдта: зӕнӕг ын нал цӕуы. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Зелфӕйы радта Иаковӕн. Зелфӕ, Лиайы лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, Иаковӕн ныййардта фырт. Уӕд Лиа загъта: «Ӕрцыди мӕ амонд!» Ӕмӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Гад. Зелфӕ, Лиайы лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, Иаковӕн ныййардта дыккаг фырт. Уӕд Лиа загъта: «Цы амондджын дӕн! Сылгоймӕгтӕ мӕ ныр амондджын ус хондзысты». Ӕмӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Асир. Мӕнӕугӕрдӕнты Рувим ацыди быдырмӕ, ссардта дзы мандрагортӕ ӕмӕ сӕ ӕрбахаста йӕ мад Лиайӕн. Рахил Лиайӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ӕрима мын, дӕ фырт цы мандрагортӕ ӕрбахаста, уыдонӕй». Фӕлӕ йын Лиа загъта: «Мӕ лӕджы мын кӕй байстай, уый дын фаг нӕу, ныр та дӕ зӕрдӕ мӕ фырты мандрагортӕ ӕрцагуырдта?» Рахил ын дзуапп радта: «Дӕ лӕппуйы мандрагорты тыххӕй та Иаков ахсӕв ӕриу уӕд демӕ». Иаков изӕры ӕрбахӕццӕ быдырӕй. Лиа рацыд йӕ размӕ ӕмӕ йын загъта: «Рацу мӕнмӕ – ӕз дӕ мӕ лӕппуйы мандрагортӕй балхӕдтон». Ӕмӕ уыцы ӕхсӕв Иаков баззади Лиамӕ. Хуыцау фехъуыста Лиайы – сылгоймаг басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта фӕндзӕм лӕппу. Уӕд Лиа загъта: «Мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы мӕ мойӕн кӕй радтон, уый тыххӕй мӕ барӕвдыдта Хуыцау». Ӕмӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Иссахар. Лиа та ногӕй басывӕрджын, ӕмӕ Иаковӕн ныййардта ӕхсӕзӕм лӕппу. Уӕд Лиа загъта: «Хуыцау мын стыр лӕвар ракодта. Ныр мӕ мойы цӕсты кадджын уыдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсӕз фырты ныййардтон». Ӕмӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Завулон. Уый фӕстӕ Лиа ныййардта чызг, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном – Динӕ. Уӕд Рахил ӕрлӕууыди Хуыцауы зӕрдыл – фехъуыста йын йӕ кувын ӕмӕ йын радта зӕнӕг.
Выбор основного перевода