Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Израил йеппӕт мулкимӕ араст йӕ фӕндагыл, ӕмӕ ӕрцыди Вирсавимӕ; уым нывонд ӕрхаста йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕн. Израилмӕ ӕхсӕвы цӕстылуайӕны фӕзынди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Иаков, Иаков!» Иаков дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Мысырмӕ ацӕуынӕй ма тӕрс. Уым Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн разагъды адӕм. Ӕз Мысырмӕ ацӕудзынӕн демӕ; Ӕз дӕ ракӕндзынӕн фӕстӕмӕ дӕр. Иосиф йӕхи къухӕй ӕрӕхгӕндзӕни дӕ цӕстытӕ». Иаков ацыди Вирсавийӕ; Израилы фырттӕ сӕ фыды, сӕ сывӕллӕтты, сӕ устыты сӕвӕрдтой, Иаковы аласынӕн фараон цы бӕхуӕрдӕттӕ рарвыста, уыдоныл. Ханааны цы фос ӕмӕ мулк ӕрбамбырд кодтой, уыимӕ Иаков ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ ӕрцыдысты Мысырмӕ. Иаков йӕ фырттӕн йӕ ныстуан куы загъта, уӕд йӕ къӕхтӕ ӕрӕвӕрдта хуыссӕныл, йӕ уд систа ӕмӕ аивгъуыдта йӕ рагфыдӕлтӕм. Амард Иосиф, амардысты йеппӕт ӕфсымӕртӕ дӕр, ӕмӕ сӕ уыцы фӕлтӕрӕй ничиуал баззад.
Выбор основного перевода