Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ ам дӕр Хуыцау уыдис Иосифимӕ, ӕмӕ йӕм равдыста Йӕ хорзӕх – ахӕстоны хицау ӕм ракаст дзӕбӕх цӕстӕй. Уыцы ныхӕстӕ фӕцыдысты фараоны ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты зӕрдӕмӕ. Уӕд фараон йӕ фӕсдзӕуинтӕн загъта: «Ацы адӕймаг Хуыцауы Удӕй хайджын у. Мах ӕндӕр ахӕм адӕймаг ссардзыстӕм?» Ӕмӕ фараон Иосифӕн загъта: «Ӕппӕт уыдӕттӕ Хуыцау кӕд дӕуӕн раргом кодта, уӕд дӕуӕй ӕмбаргӕдӕр ӕмӕ зондджындӕр нӕй. Ӕз дӕ ӕвӕрын мӕ хӕдзары сӕргъы, дӕ ныхасмӕ хъусдзысты мӕ адӕм ӕгасӕй дӕр. Ӕз паддзахы къӕлӕтджыны кӕй бадын, ӕрмӕст уымӕй уыдзынӕн дӕуӕй уӕлдӕр». Фараон Иосифӕн загъта: «Мӕнӕ дӕ ӕз ӕвӕрын ӕппӕт мысыраг бӕстӕйы сӕргъы». Иосиф та Мысыры хицау уыди, ӕмӕ хор уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Ӕрцыдысты Иосифы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ йын зӕххы онг ӕркуывтой.
Выбор основного перевода