Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фараон фехъуыста уыцы хабар, ӕмӕ хъавыди Моисейы амарынмӕ. Фӕлӕ Моисей фӕлыгъд фараонӕй, бахӕццӕ мадиамаг зӕхмӕ, ӕмӕ ӕрбадти цъайы цур. Хицӕуттӕ сын загътой: «Хуыцау уӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ уын тӕрхон рахӕссӕд, фараонӕн ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн уӕнгӕл кӕй фестын кодтат, нӕ амарынӕн сын сӕ къухты кард кӕй фӕсагътат, уый тыххӕй». Моисей скуывта Хуыцаумӕ: «Цӕмӕн мӕ рарвыстай ардӕм, Хуыцау? Ацы адӕмыл фыдбылыз цӕмӕн ӕруагътай? Ӕмӕ Сепфорӕйы дыууӕ лӕппуйы; сӕ иуы ном уыди Гирсам, уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: «Ӕз ӕрцӕуӕггаг дӕн ӕцӕгӕлон бӕстӕйы». Иннӕйы ном та уыди Елиезер, уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: «Мӕ фыды Хуыцау мын уыд ӕххуысгӕнӕг ӕмӕ мӕ бахызта фараоны цирхъӕй».
Выбор основного перевода