Аарон райста уыцы сыгъзӕрин, сарӕзта дзы джиппыуагъд уӕныг, ӕмӕ йӕ саив кодта сартӕй. Адӕм загътой: «Мысыры зӕххӕй дӕ чи ракодта, мӕнӕ дӕ уыцы хуыцау, Израил!»
Аарон уый куы федта, уӕд уӕныджы раз сӕвӕрдта нывондхӕссӕн, ӕмӕ расидти: «Райсом Дунедарӕджы бӕрӕгбон у».
Дыккаг бон адӕм сыстадысты раджы, ӕрхастой иууылсудзинаг ӕмӕ фарны нывондтӕ; уый фӕстӕ бавнӕлдтой хӕрын ӕмӕ нуазынмӕ, стӕй сыстадысты ӕмӕ сарӕзтой хъазт.