Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
„Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс, цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ"? Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ». Нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрбаддзӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауы рахиз фарс». Уыцы фӕндон фӕцыд сеппӕты зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ сӕвзӕрстой Стефаны, уырнындзинад ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй хайджын лӕджы, Филиппы, Прохоры, Никаноры, Тимоны, Пармены, стӕй муртаттӕй иудейаг динмӕ ӕрцӕуӕг антиохиаг Николайы. Уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, ӕгад ницӕмӕ ӕрдаргӕйӕ, амард дзуарыл, ӕмӕ ныр бады Хуыцауы рахиз фарс.
Выбор основного перевода