Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Саррӕ амарди КириафАрбайы, ныртӕккӕйы Хевроны, Ханааны зӕххыл. Авраам ӕрцыди, фӕрыст ӕмӕ фӕкуыдта Саррӕйыл. Уый фӕстӕ Авраам фӕуагъта йӕ марды ӕмӕ Хеты байзӕддӕгтӕн загъта: «Ӕз сымахмӕ ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрӕг дӕн. Ингӕнваг мын раттут уӕ зӕххӕй, ӕмӕ дзы баныгӕнон мӕ марды». Хеты байзӕддӕгтӕ Авраамӕн дзуапп радтой: «Байхъус нӕм, нӕ хицау, ды тыхджын ӕмӕ кадджын лӕг дӕ не 'хсӕн, ӕлдар Хуыцауӕй. Дӕ марды бавӕр нӕ зӕппӕдзты тӕккӕ хуыздӕры. Махӕй дын дӕ усы баныгӕнынӕн бынат ничи бавгъау кӕндзӕн». Авраам сыстад ӕмӕ уыцы зӕххы адӕмӕн, Хеты байзӕддӕгтӕн, акуывта ныллӕг, Ӕмӕ сын загъта: «Кӕд мӕ усы мард бавӕрон, ууыл разы стут, уӕд мӕм байхъусут, ӕмӕ мӕн тыххӕй ӕрхатут Цохары фырт Ефронмӕ, Цӕмӕй мын рауӕй кӕна йӕ Махпелӕйы лӕгӕт – йӕ быдыры кӕрон цы лӕгӕт ис, уый. Сымах нын ут ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ мын ӕй ӕмбӕлгӕ аргъыл раттӕд уӕлмӕрдтӕн». Ефрон та бадти Хеты байзӕддӕгты ӕхсӕн, ӕмӕ Авраамӕн дзуапп радта, йӕ сахары кулдуармӕ Хеты байзӕддӕгтӕй чи ӕрцыд, уыдон ӕй сеппӕт дӕр куыд хъусой, афтӕ: «Нӕ, ме 'лдар, байхъус мӕм. Ӕз дын дӕттын быдыр ӕд лӕгӕт, дӕттын дын сӕ мӕ адӕмы фыртты раз. Бавӕр дзы дӕ марды». Авраам сӕрӕй акуывта уыцы зӕххы адӕмӕн, Ӕмӕ йӕ иууылдӕр куыд хъусой, афтӕ Ефронӕн загъта: «Бӕргӕ, куы мӕм байхъусис. Дӕ быдыры тыххӕй дын дӕттын ӕхца; айс зӕххы аргъ, цӕмӕй дзы бавӕрон мӕ марды». Ефрон дзуапп радта Авраамӕн: «Байхъус мӕм, ме 'лдар. Зӕххӕн йӕ аргъ у ӕвзисты цыппарсӕдӕ сиклы – уый мӕнӕн ӕмӕ дӕуӕн цы у? Баныгӕн дӕ усы». Авраам сразы Ефронимӕ, ӕмӕ йын сбарста, Ефрон ын Хеты байзӕддӕгты раз цас загъта, уый бӕрц – цыппарсӕдӕ сиклы ӕвзист – сӕудӕджерты барӕнӕй. Афтӕмӕй Ефронӕн Мамремӕ хӕстӕг, Махпелы, цы зӕхх ӕмӕ лӕгӕт уыди, стӕй быдыры ӕмӕ йӕ арӕныл цы бӕлӕстӕ уыдис, Уыдон иууылдӕр баисты Авраамы; сахары кулдуармӕ Хеты байзӕддӕгтӕй чи ӕрцыд, уыдон сеппӕт дӕр уыдысты ӕвдисӕнтӕ. Уый фӕстӕ Авраам йӕ ус Саррӕйы баныгӕдта Махпелы быдыры лӕгӕты, ханаанаг зӕххыл – ныртӕккӕ Хеврон чи хуыйны, уыцы Мамремӕ хӕстӕг. Афтӕ Хеты байзӕддӕгты быдыр ӕмӕ лӕгӕт уӕлмӕрдтӕн баисты Авраамы. Сихемы фыд Емморы байзӕддӕгтӕй фондзыссӕдз ӕвзист ӕхцайӕ балхӕдта зӕхх, ӕмӕ йыл ӕрӕвӕрдта йӕ цатыр. Уый фӕстӕ Иаков бафӕдзӕхста йӕ фырттӕн: «Ӕз цӕуын мӕ рагфыдӕлтӕм; мӕ фыдӕлтимӕ мӕ баныгӕнут хеттаг Ефроны быдыры, лӕгӕты, Ханааны зӕххыл, Мамремӕ хӕстӕг Махпелы быдыры чи ис, хеттаг Ефронӕй Авраам ныгӕнынӕн быдыримӕ иумӕ цы лӕгӕт балхӕдта, уым. Иосиф ацыд йӕ фыды ныгӕнынмӕ. Йемӕ ацыдысты фараоны ӕппӕт фӕсдзӕуинтӕ, фараоны хӕдзары хистӕртӕ, уынаффӕгӕнджытӕ, Мысыры бӕстӕйы ӕппӕт хицӕуттӕ, Иосифы ӕппӕт бинонтӕ, йе 'фсымӕртӕ, йӕ фыды хӕдзар ӕгасӕй дӕр. Ӕрмӕст сӕ сывӕллӕтты, сӕ фысвос ӕмӕ се стурты ныууагътой Гесемы. Иосифимӕ ацыдысты хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ дӕр, барджытӕ дӕр – тынг бирӕ адӕм. Иорданмӕ хӕстӕг бахӕццӕ сты ГоренАтадмӕ, ӕмӕ уым кӕуынтӕ систой мардыл. Ам Иосифы фыдыл фӕкуыдтой авд боны. Адӕм мардыл ГоренАтады куыд куыдтой, уый уыцы зӕххы цӕрджытӕ, ханаанӕгтӕ, куы федтой, уӕд загътой: «Мысырӕгтӕ кӕуынӕй нал ӕнцайынц». Уымӕ гӕсгӕ Иорданмӕ хӕстӕг уыцы бынат схуындӕуыд Абел мицраим. Афтӕ Иаковы фырттӕ сӕххӕст кодтой, сӕ фыд сын цы бафӕдзӕхста, уый. Йӕ фырттӕ йын йӕ мард ахастой Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, Авраам йӕ мӕрдты ныгӕнынӕн Мамрейы акомкоммӕ хеттаг Ефронӕй Махпелы быдыры цы лӕгӕт балхӕдта, уым.
Выбор основного перевода