Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Моисей фенынмӕ ӕрбацӕуы, уый федта Дунедарӕг, ӕмӕ йӕм фӕдзырдта къутӕрӕй: «Моисей, Моисей!» Моисей дзуапп радта: «Хъусын дӕм». Дунедарӕг загъта: «Ма ӕрбацу ардӕм; дӕ дзабыртӕ дӕ къӕхтӕй ралас, уымӕн ӕмӕ цы ран лӕууыс, уый сыгъдӕг зӕхх у». Дунедарӕг ын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн дӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта, уымӕн ӕмӕ тарсти Хуыцаумӕ комкоммӕ бакӕсынӕй. Хуыцау загъта: «Ӕз федтон Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ хъӕрзын – се 'фхӕрджытӕ сӕ тухӕнӕй марынц. Ӕз сын зонын сӕ удхар. Ӕз ӕрхызтӕн мысырӕгты къухӕй сӕ байсынмӕ; Ӕз сӕ уыцы бӕстӕйӕ ракӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд цӕугӕдонау кӕм кӕлынц, ханаанӕгты, хетты, аморрӕгты, ферезӕгты, хиввӕгты ӕмӕ иевусӕгты уыцы бӕркадджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ. Сыхъуыст Мӕм израилаг адӕмы дзыназын; мысырӕгтӕ сӕ куыд ӕфхӕрынц, уый дӕр федтон. Уӕдӕ ацу: Ӕз дӕ ӕрвитын фараонмӕ; Мысырӕй ракӕн Мӕ адӕмы, Израилы байзӕддӕгты».
Выбор основного перевода