Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Израилаг адӕм мысыраг зӕххӕй куы рацыдысты, уымӕй дыууӕ мӕйы фӕстӕ, сӕ рацыды тӕккӕ бон, бахӕццӕ сты Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Рефидимӕй рараст сты Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕмӕ уым, ӕдзӕрӕг быдыры, ӕрлӕууыдысты асадӕны; Израил рӕстӕгмӕ ӕрбынат кодта хохмӕ хӕстӕг. Моисей Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ схызти хохмӕ, ӕмӕ йӕм Хуыцау хохӕй ӕрдзырдта: «Иаковы хӕдзарӕн зӕгъ ӕмӕ израилаг адӕмӕн фехъусын кӕн: „ Ӕз мысырӕгтӕн цы бакуыстон, уый федтат. Сымах та цӕргӕсау систон Мӕ базыртыл ӕмӕ уӕ хастон Мӕхимӕ. Ныр Мӕ коммӕ куы кӕсат ӕмӕ Мӕ фидыдмӕ гӕсгӕ куы цӕрат, уӕд ӕппӕт адӕмтӕй ӕрмӕст сымах уыдзыстут Мӕ адӕм. Уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр Мӕн у, Сымах та Мын уыдзыстут лӕггадгӕнджыты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм“. Уыцы ныхӕстӕ радзур бӕлвырд израилаг адӕмӕн». Асадӕнӕй Моисей адӕмы рахуыдта Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ; адӕм ӕрлӕууыдысты хохы рӕбын. Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: « Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мысыры зӕххӕй, цагъарады хӕдзарӕй, сымах Чи ракодта, уӕ уыцы Хуыцау. Ӕз уӕ Хуыцау дӕн, ӕмӕ уын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд. Уӕле арвыл цы ис, дӕле зӕххыл цы ис, зӕххӕй бындӕр доны цы ис, уыдонӕй уӕхицӕн мӕнгхуыцӕуттӕ ма аразут, сӕ нывтӕ дӕр сын ма дарут, Ӕмӕ сын ма табу кӕнут ӕмӕ сӕм ма кувут; уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, ӕмӕ уын ӕндӕр хуыцӕуттӕ уа, уымӕн нӕ бабыхсдзынӕн. Ӕз ӕнӕуынон цы фыдӕлтӕн дӕн, уыдонӕн сӕ байзӕддаг ӕфхӕрын ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕрмӕ; Мӕн чи уарзы ӕмӕ Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдоныл та мин фӕлтӕрмӕ аудын. Ӕнӕхъуаджы ма дзурут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ном; Йӕ ном Ын ӕнӕхъуаджы чи дзура, уыцы адӕймаг Дунедарӕгӕй ӕнӕбафхӕргӕ нӕ аирвӕздзӕн. Уӕ зӕрдыл дарут сабат, ӕмӕ уын уӕд Хуыцауӕн нывонд бон. Ӕхсӕз боны кусут ӕмӕ аразут уеппӕт хъуыддӕгтӕ. Ӕвдӕм бон та, сабат, раттут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн. Уыцы бон мацы хъуыддаг аразут нӕдӕр уӕхӕдӕг, нӕдӕр уӕ фырттӕ, нӕдӕр уӕ чызджытӕ, нӕдӕр уӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ, нӕдӕр уӕ фос, нӕдӕр уе 'хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕхсӕз бонмӕ сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх, денджыз, ӕмӕ денджызы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ; ӕвдӕм бон та Йӕ фӕллад уагъта. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау арфӕ бафтыдта сабатыл ӕмӕ йӕ скодта бӕрӕг бон. Нымай дӕ фыды ӕмӕ дӕ мады, ӕмӕ уӕд бирӕ фӕцӕрдзынӕ, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл. Ма амар. Ма хӕт. Ма адав. Мӕнг ӕвдисӕн макӕй ныхмӕ ныллӕуу. Ма дӕ ӕрхъӕуӕд кӕйдӕр хӕдзар; ма дӕ ӕрхъӕуӕд кӕйдӕр ус, нӕдӕр йӕ цагъар, нӕдӕр йӕ цагъар сылгоймаг, нӕдӕр йӕ гал, нӕдӕр йӕ хӕрӕг – иннӕмӕ цы ис, уымӕй дӕ зӕрдӕ мацӕмӕ бабӕллӕд». Стыр пайда алцӕмӕй дӕр. Уӕлдайдӕр та сын Хуыцау Йӕ ныхас сӕ бӕрны кӕй бакодта, уымӕй. Цас рӕстӕг рацыд, уымӕ гӕсгӕ ныр ахуыргӕнджытӕ хъуамӕ уаиккат, сымахӕн та хъӕуы, цӕмӕй уын исчи ногӕй амона Хуыцауы ныхасы абетӕ; хъӕбӕр хойраг нӕ, фӕлӕ та уӕ ногӕй ӕхсыр хъӕуы. Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй – уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен.
Выбор основного перевода