Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фаррайыл цыди дыууӕсӕдӕ фондз азы, афтӕмӕй амарди Харраны. Хуыцау загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамондзынӕн, уырдӕм. Аврам йемӕ акодта йӕ ус Сарӕйы, йе 'фсымӕры фырт Лоты, йемӕ айста, цы сӕм ӕрбамбырд, уыцы мулк. Йемӕ ма ракодта, Харраны кӕй балхӕдтой, ӕппӕт уыцы адӕмы. Афтӕмӕй араст сты Ханааны зӕхмӕ, ӕмӕ ӕрцыдысты уырдӕм.
Выбор основного перевода