Фӕлӕ Израилы байзӕддӕгтӕ цот уагътой дзӕвгар, сбирӕ ӕмӕ стыхджын сты тынг, ӕмӕ анхъӕвзтой ӕппӕт бӕстӕйыл.
Уӕд Мысыры сӕргъы ӕрлӕууыди ног паддзах; уый Иосифы тыххӕй ницы зыдта.
Паддзах загъта йӕ адӕмӕн: «Акӕсутма израилаг адӕммӕ, сты бирӕ ӕмӕ махӕй тыхджындӕр.