Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йӕ цуры чи уыди, уыдоны раз Иосиф йӕхиуыл фӕхӕцын нал фӕрӕзта, ӕмӕ ныхъхъӕр ласта: «Уеппӕт дӕр ацӕут ардыгӕй!» Ӕмӕ йӕ цуры куы ничиуал баззад, уӕд йе 'фсымӕртӕн базонын кодта йӕхи. Афтӕ хъӕрӕй скуыдта, ӕмӕ йӕ фехъуыстой мысырӕгтӕ. Хабар байхъуысти фараоны хӕдзармӕ дӕр. Иосиф йе 'фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Иосиф дӕн! Мӕ фыд ма удӕгас у?» Йе 'фсымӕртӕ фыртӕссӕй афтӕ фӕджих сты, ӕмӕ йын дзуапп раттын сӕ бон нал уыд. Уӕд сын Иосиф загъта: «Хӕстӕг мӕм ӕрбацӕут». Уыдон ӕм куы бацыдысты, уӕд та сын загъта: «Ӕз Иосиф дӕн, сымах Мысырмӕ кӕй ауӕй кодтат, уӕ уыцы ӕфсымӕр. Фараоны хӕдзармӕ байхъуыст Иосифы ӕфсымӕрты ӕрцыды хабар, ӕмӕ ӕхсызгон уыди фараонӕн ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн.
Выбор основного перевода