Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Рӕвдздӕр ацӕут мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъут: „Афтӕ зӕгъы дӕ фырт Иосиф: ‘Хуыцау мӕ ӕппӕт Мысырӕн сӕвӕрдта ӕлдарӕй. Ӕрцу мӕм ӕвӕстиатӕй. Ӕрцӕрдзынӕ Гесемы зӕххыл. Дӕхӕдӕг ӕмӕ дӕ фырттӕ, дӕ фыртты цот, фысвос ӕмӕ стуртӕ – уеппӕт дӕр уыдзыстут мӕ фарсмӕ. Ӕххормаг рӕстӕг ма фондз азы ахӕсдзӕн, ӕмӕ уӕ фӕдардзынӕн, науӕд сгӕвзыкк уыдзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзар ӕгасӕй дӕр’“. Ракӕнут уӕ фыды, уӕ бинонты ӕмӕ ӕрцӕут мӕнмӕ. Ӕз уын ратдзынӕн Мысыры хуыздӕр зӕххытӕ, ӕмӕ цӕрдзыстут уыцы зӕххы сойӕ“. Ды та де 'фсымӕртӕн ноджыдӕр бафӕдзӕхс: „Мысырӕй акӕнут бӕхуӕрдӕттӕ уӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ уӕ устытӕн; ракӕнут уӕ фыды ӕмӕ ӕрцӕут. Дӕ фыды арфӕтӕ рагон хӕхты арфӕтӕй, мӕ рагфыдӕлты арфӕтӕй уӕлдӕр сты. Уыдон ӕрцӕуӕнт Иосифы сӕрыл – йе 'фсымӕртӕй уӕлдӕр чи у, уый сӕрыл. Вениамин – тугдзых бирӕгъ, сӕумӕйӕ хӕры йӕ амӕттаджы, изӕрӕй уары, цы байста, уый». Иаковы байзӕддӕгтӕ, йӕ тугйе стӕг, ӕдӕппӕт уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз адӕймаджы; Иосиф та Мысырмӕ раздӕр ӕрбафтыди.
Выбор основного перевода