Ӕмӕ райдыдтой авд ӕххормаг азы, Иосиф развӕлгъау куыд загъта, афтӕ. Ӕппӕт иннӕ бӕстӕтӕ уыдысты ӕххормаг; ӕрмӕст ӕгас мысыраг бӕстӕйы уыди хор.
Ханааны адӕм ӕххормаг кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ уырдыгӕй цы адӕм ацыд, уыдонимӕ Израилы фырттӕ дӕр ӕрцыдысты хор ӕлхӕнынмӕ.