Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иудейтӕ ногӕй фелвӕстой дуртӕ Йӕ амарыны тыххӕй. Йесо сын загъта: «Ӕз уын бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ фенын кодтон Мӕ Фыдӕй. Уыдонӕй Мӕ кӕцыйы тыххӕй хъавут дуртӕй амарынмӕ?» Иудейтӕ Йын дзуапп радтой: «Хорз хъуыддӕгты тыххӕй Дӕ нӕ хъавӕм дуртӕй амарынмӕ, фӕлӕ Ды, адӕймаг, Дӕхицӕй Хуыцау кӕй аразыс ӕмӕ уымӕй Хуыцауы кӕй фауыс, уый тыххӕй». Йесо сын загъта: «Уӕ Ӕгъдауы афтӕ фыст нӕй: „Ӕз загътон: сымах хуыцӕуттӕ стут"? Хуыцауы ныхас кӕмӕн лӕвӕрд уыд, кӕд Хуыцау уыдоны хуыцӕуттӕ схуыдта, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстӕн аивӕн нӕй, Уӕд Фыд Кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ дунемӕ Кӕй рарвыста, Уымӕн зӕгъут: „Хуыцауы фауыс", „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн" кӕй загътон, уый тыххӕй? Фӕлӕ апостолтӕ Варнавӕ ӕмӕ Павел уый куы фехъуыстой, уӕд арӕмыгътой сӕ пӕлӕзтӕ, сӕхи баппӕрстой адӕммӕ ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой:
Выбор основного перевода