Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн Йӕ Фыды намысимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ратдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Адӕймаджы Фырты паддзахы бартимӕ ӕрцӕугӕ феной, уӕдмӕ». Уӕд арвыл фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты ӕвдисӕйнаг. Скӕудзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ. Стефан та, Сыгъдӕг Удӕй хайджынӕй, скаст уӕларвмӕ, федта Хуыцауы намыс ӕмӕ Йесойы Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕйӕ, Ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ уынын арвы дуар гомӕй ӕмӕ Адӕймаджы Фырты Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕ». Мӕнӕ Уый ӕрцӕуы ӕврӕгътимӕ, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныдздзыназдзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ. Бӕгуыдӕр, афтӕ уыдзӕн! Амен.
Выбор основного перевода