Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Галилейы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн адӕмы къухтӕм, Уый сын загъта: «Ацӕут сахармӕ, иу адӕймагмӕ, ӕмӕ йын зӕгъут: „Ахуыргӕнӕг зӕгъы: Мӕ рӕстӕг хӕстӕг у. Куадзӕн Мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ дӕ хӕдзары бӕрӕг кӕндзынӕн"». Уымӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта ӕмӕ сын дзырдта: «Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн адӕмы къухтӕм, амардзысты Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн алчертӕм ӕмӕ динамонджытӕм. Рахӕсдзысты Йын марыны тӕрхон ӕмӕ Йӕ ратдзысты муртаттӕм. «Ныртӕккӕ цы зӕгъдзынӕн, уымӕ байхъусут лӕмбынӕг: Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн адӕмы къухтӕм». „Адӕймаджы Фырт хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа тӕригъӕдджын адӕмы къухтӕм, байтындздзысты Йӕ дзуарыл ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн"». Йесо сын дзуапп радта: «Адӕймаджы Фыртӕн ралӕууыд Йӕ намысы афон. Ныр Мӕ уд фӕтыхст. Ӕмӕ Ӕз афтӕ зӕгъон: „Мӕ Фыд! Фервӕзын Мӕ кӕн ацы тухӕнӕй"? Ӕмӕ Ӕз ацы тухӕны тыххӕй куы ӕрцыдтӕн. Ӕрӕввахс Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Фыдмӕ Йӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта йӕхионты ацы дунейы, бауарзта сӕ кӕронмӕ. Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, ӕрхӕццӕ рӕстӕг. Намыс скӕн Дӕ Фыртӕн, ӕмӕ Фырт дӕр снамыс кӕна Дӕуӕн.
Выбор основного перевода