Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыд, уӕд федта иннӕ дыууӕ ӕфсымӕры – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уыдон сӕ фыд Зеведеимӕ уыдысты бӕлӕгъы ӕмӕ ӕмпъызтой сӕ хызтӕ. Йесо сӕм басидт. Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Иаковы ӕмӕ уый ӕфсымӕр Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым уыдысты хибарӕй. Петр, Иаков ӕмӕ Иаковы ӕфсымӕр Иоанны йеддӕмӕ Йесо никӕй бауагъта Йемӕ ацӕуын. Йемӕ ахуыдта Петры, Иаковы ӕмӕ Иоанны, бафтыди мӕлӕтон тасы ӕмӕ райдыдта ӕрхӕндӕг кӕнын. Ӕмӕ йын йӕ хӕдзармӕ куы ӕрцыд, уӕд Петр, Иоанн ӕмӕ Иаковы, стӕй сабийы фыд ӕмӕ мады йеддӕмӕ никӕй бауагъта Йемӕ мидӕмӕ бацӕуын. Уыцы ныхӕстыл аст боны бӕрц куы рацыд, уӕд Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Иоанны ӕмӕ Иаковы, ӕмӕ хохмӕ ссыди бакувынмӕ.
Выбор основного перевода