Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг Мемӕ иу фынгыл бады. Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Пехуымпартӕ цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл куыд зынтӕй ӕууӕндут! Уеппӕты тыххӕй нӕ зӕгъын. Кӕй равзӕрстон, Ӕз уыдоны зонын. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемӕ кӕрдзын чи хордта, уый рацыди Мӕ ныхмӕ". Йесо дзуапп радта: «Къӕбӕр цӕхдоны куы атулон, уӕд ӕй кӕмӕ раттон, уый». Уӕд атылдта къӕбӕр ӕмӕ йӕ радта Иудӕмӕ, Симон Искариоты фыртмӕ. Павел ацы хатт дӕр йӕ ахуыр нӕ фехӕлдта, бацыд синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ сабаты адӕмимӕ ныхас кодта. Сыгъдӕг Фыстӕй-иу сын ӕрхаста бынӕттӕ, Ӕмбарын сын сӕ кодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй уыцы бынӕтты руаджы баууӕндой, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ райгас уыдаид, ууыл. Дзырдта сын, ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, Уый Чырысти у, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕз ӕрхастон, мӕхӕдӕг цы райстон, уыцы тӕккӕ сӕйрагдӕр: Сыгъдӕг Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ Чырысти амарди нӕ тӕригъӕдты тыххӕй;
Выбор основного перевода