Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд кодтой синедрион ӕмӕ загътой: «Цы гӕнгӕ нын у? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ ӕвдисы. Афтӕ Йӕ куы ныууадзӕм, уӕд Ыл сеппӕт дӕр баууӕнддзысты. Ӕмӕ ӕрцӕудзысты ромӕгтӕ ӕмӕ фесафдзысты нӕ ацы бынат дӕр ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр». Уыдонӕй иу, Каиафӕ, уыцы аз алчер уыд. Ӕмӕ сын уый загъта: «Сымах ницы зонут Ӕмӕ не 'мбарут, ӕппӕт адӕмы фесафыны бӕсты адӕмы сӕрвӕлтау иу адӕймаг куы амӕла, уӕд сымахӕн хуыздӕр кӕй у, уый». Уый Каиафӕйӕн уыд йӕхи хъуыды нӕ, фӕлӕ пехуымпар ныхас, уымӕн ӕмӕ уыцы аз алчер уыд, ӕмӕ рагагъоммӕ загъта, Йесо кӕй хъуамӕ амӕла Йӕ адӕмы сӕрвӕлтау, Ӕмӕ ӕрмӕст Йӕ адӕмы сӕрвӕлтау нӕ, фӕлӕ ма ӕрӕмбырд ӕмӕ баиу кӕна, чи ныххӕлиу, Хуыцауы уыцы хъӕбулты дӕр. Уыцы бон скодтой Йесойы амарыны фӕнд.
Выбор основного перевода