«Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг! Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн ӕмӕ дзуарӕй ӕрхиз».
Йесо сын дзуапп радта: «Фехалут ацы Кувӕндон, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн».
Уӕд Ын иудейтӕ загътой: «Ацы Кувӕндон ӕхсӕз ӕмӕ дыууиссӕдз азы арӕзтой, Ды та йӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕ?»
Фӕлӕ Йесо цы Кувӕндоны тыххӕй дзырдта, уый уыди Йӕ буар.
Цы дзырдта, уый мах фехъуыстам: ацы Назаретаг Йесо, дам, ныппырх кӕндзӕн ацы бынат ӕмӕ аивдзӕн, Моисейы фӕрцы кӕй райстам, уыцы ӕгъдӕуттӕ».