Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Исчи уын исты куы зӕгъа, уӕд дзуапп раттут, уыдон Хицауы хъӕуынц, зӕгъгӕ, ӕмӕ уын сӕ уайтӕккӕ ратдзысты». Уӕлӕрвтӕм Йӕ сисыны афон куы ӕрхӕстӕг, уӕд Йесо скарста Иерусалиммӕ фӕцӕуын. Йесо сын загъта: «Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд, сымахӕн та алы афон дӕр бӕззы. Сымах ацӕут ацы бӕрӕгбонмӕ, Ӕз та ацы бӕрӕгбонмӕ нӕ цӕуын, уымӕн ӕмӕ Мӕ рӕстӕг нӕма ралӕууыд». Йесо ацы ныхӕстӕ загъта, Кувӕндоны хӕзнавӕрӕны цур куы амыдта, уӕд. Фӕлӕ Йӕ ничи ӕрцахста, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд. Йесо сын дзуапп радта: «Адӕймаджы Фыртӕн ралӕууыд Йӕ намысы афон. Ӕрӕввахс Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Фыдмӕ Йӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта йӕхионты ацы дунейы, бауарзта сӕ кӕронмӕ. Мӕнӕ ӕрцӕуы рӕстӕг, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ ныххӕлиу уыдзыстут – алчидӕр уӕ ацӕудзӕн сӕхимӕ ӕмӕ Мӕн ныууадздзыстут иунӕгӕй. Фӕлӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ ис. Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, ӕрхӕццӕ рӕстӕг. Намыс скӕн Дӕ Фыртӕн, ӕмӕ Фырт дӕр снамыс кӕна Дӕуӕн.
Выбор основного перевода