Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта:
«Сымах зонут: дыууӕ боны фӕстӕ уыдзӕни Куадзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕни байтындзынмӕ».
Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты алчер Каиафӕйы галуанмӕ,
Ӕмӕ рахастой Йесойы хинӕй ӕрцахсыны ӕмӕ Йӕ амарыны уынаффӕ.
Фӕлӕ дзырдтой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты».