Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ныр Петр та кӕрты бадт. Бацыд ӕм иу лӕггадгӕнӕг сылгоймаг ӕмӕ загъта: «Ды дӕр Галилейаг Йесоимӕ уыдтӕ». Фӕлӕ Йыл Петр сеппӕты раз атигъ кодта йӕхи: «Цы дзурыс, уый нӕ зонын». Петр кулдуармӕ куы рацыд, уӕд ӕй федта ӕндӕр лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, ӕмӕ уым чи уыд, уыдонӕн загъта: «Ай Назаретаг Йесоимӕ уыди». Петр та Йыл атигъ кодта йӕхи ӕмӕ расомы кодта: «Ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын». Уым чи лӕууыд, уыдон чысыл фӕстӕдӕр бацыдысты Петрмӕ ӕмӕ йын загътой: «Ды дӕр бӕлвырд уыдонӕй дӕ – де 'взаджы здӕхт дыл комдзог цӕуы». Уӕд Петр райдыдта ард хӕрын ӕмӕ Хуыцауӕй сомы кӕнын: «Ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын». Ӕмӕ уыйадыл уасӕг ныууасыд. Ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Петр рацыд ӕддӕмӕ ӕмӕ судзаг цӕссыгтӕй ныккуыдта. Ныр Петр та уыди бынӕй, кӕрты. Уырдӕм ӕрбацыд алчеры лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕй иу, Петры федта йӕхи артмӕ тавгӕ, ӕдзынӕг ӕм ныккаст, ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр Назаретаг Йесоимӕ уыдтӕ». Фӕлӕ Йыл Петр атигъ кодта йӕхи: «Цы дзурыс, уый нӕ зонын ӕмӕ не 'мбарын». Петр рацыд ӕддаг кӕртмӕ, ӕмӕ уасӕг ныууасыд. Лӕггадгӕнӕг сылгоймаг та йӕ федта уым дӕр, ӕмӕ йӕ фарсмӕ лӕуджытӕн дзурын райдыдта: «Ай уыдонӕй у». Петр та Йесойыл атигъ кодта йӕхи. Уым чи лӕууыд, уыдон дӕр чысыл фӕстӕдӕр загътой Петрӕн: «Ӕнӕмӕнг уыдонӕй дӕ, уымӕн ӕмӕ ды дӕр галилейаг дӕ. [Де 'взаджы здӕхт дыл комдзог цӕуы.]» Уый райдыдта ард хӕрын ӕмӕ Хуыцауӕй сомы кӕнын: «Сымах Кӕмӕй зӕгъут, ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын». Ӕмӕ уыйадыл уасӕг ныууасыди дыккаг хатт. Ӕмӕ Петр ӕрымысыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Ӕмӕ райдыдта кӕуын. Иу лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Петры федта арты рухсмӕ, ӕдзынӕг ӕм ныккаст ӕмӕ загъта: «Ай дӕр Йемӕ уыд». Фӕлӕ Йыл Петр атигъ кодта йӕхи: «Хорз ус, ӕз Ӕй нӕ зонын». Чысыл фӕстӕдӕр ӕй федта ӕндӕр чидӕр ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр уыдонӕй дӕ». Петр уымӕн дӕр загъта: «Нӕ дӕн». Рацыд сахаты бӕрц, ӕмӕ та иу ӕндӕр адӕймаг дӕр фидарӕй дзырдта: «Ай дӕр ӕнӕмӕнг Йемӕ уыд, уымӕн ӕмӕ галилейаг у». Фӕлӕ Петр уымӕн дӕр загъта: «Цы дзурыс, уый нӕ зонын». Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уасӕг ныууасыд. Уӕд Хицау Йе 'ргом разылдта ӕмӕ бакаст Петрмӕ. Ӕмӕ Петр ӕрымысыд, Хицау ын цы загъта, уый: «Ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Петр рацыд ӕддӕмӕ ӕмӕ судзаг цӕссыгтӕй ныккуыдта. Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ цард Мӕн сӕраппонд ратдзынӕ? Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи. Ныр Симон Петр та лӕууыд ӕмӕ йӕхи тавта артмӕ. Загътой йын: «Ды дӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй нӕ дӕ?» Уый Йыл йӕхи атигъ кодта ӕмӕ загъта: «Нӕ дӕн». Алчеры цагъартӕй иу, – Петр кӕй хъус ахауын кодта, уый хӕстӕг, – Петрӕн загъта: «Дыргъдоны Йемӕ дӕу нӕ федтон, ӕви?» Петр та Йыл йӕхи атигъ кодта. Ӕмӕ уыйадыл уасӕг ныууасыд.
Выбор основного перевода