Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Моисей туджы ӕмбис ныккодта кӕхцыты, иннӕ ӕмбис та бапырх кодта нывондхӕссӕныл. Стӕй райста Фидыды Чиныг ӕмӕ дзы адӕмӕн бакаст хъӕрӕй. Адӕм загътой: «Дунедарӕг цыдӕриддӕр загъта, уый бакӕндзыстӕм, кӕсдзыстӕм Йӕ коммӕ». Моисей райста тугӕй, бапырх дзы кодта адӕмыл ӕмӕ загъта: «Ацы тугӕй фидаргонд цӕуы, Йеппӕт ӕгъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кӕндзыстут, уый тыххӕй Дунедарӕг цы фидыд сарӕзта, уый». Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не 'рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕты ссӕрибары сӕраппонд ратта Йӕ цард». Афтӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы фӕзынд Иоанн, аргъуыдта донӕй ӕмӕ амыдта, зӕгъгӕ, цӕмӕй тӕригъӕдтӕ хатыргонд уой, уый тыххӕй сыл хъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ аргъуыд райсын. Моисей загъта: «Уый у, Хуыцау уын кӕй коммӕ кӕсын бафӕдзӕхста, уыцы фидыды туг».
Выбор основного перевода