Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Моисей ӕмӕ Аарон ма Мысыры куы уыдысты, уӕд сын Дунедарӕг загъта: « Ацы мӕй сымахӕн уӕд мӕйты райдайӕн; афӕдзы мӕйтӕй уын уӕд фыццаг – азы райдайӕн. Ӕппӕт израилаг адӕмӕн зӕгъут: ацы мӕйы дӕсӕм бон алчидӕр йӕ бинонтӕн дзугӕй хъуамӕ ӕрбакӕна иу уӕрыкк, алы хӕдзарӕн дӕр – уӕрыкк. Кӕд бинонтӕ бирӕ не сты ӕмӕ иу уӕрыкк нӕ бахӕрдзысты, уӕд ӕй райсӕд сӕ хӕстӕгдӕр сыхагимӕ. Банымайын хъӕуы, цал лӕджы фаг суыдзӕн, уый. Уӕрыкк хъуамӕ уа ӕнаипп, нӕл ӕмӕ аздзыд; уӕрыччы бӕсты ис сӕныкк райсӕн. Уӕрыкк уӕхимӕ уӕд ацы мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонмӕ. Ӕппӕт израилаг адӕм изӕрдалынгты аргӕвдӕнт сӕ кусӕрттӕгтӕ. Райсӕнт уӕрыччы тугӕй ӕмӕ дзы сахорӕнт, кӕм ӕй хӕрдзысты, уыцы хӕдзӕртты дуӕртты тарвӕзтӕ ӕмӕ уӕлкъӕсӕртӕ. Йӕ дзидза йын уыцы ӕхсӕв бахӕрӕнт физонӕгӕй донгонд дзул ӕмӕ судзагхалимӕ. Ма дзы бахӕрут нӕдӕр хомӕй, нӕдӕр къуыдырвыхӕй, фӕлӕ йӕ бахӕрут физонӕгӕй ӕд сӕр, ӕд къӕхтӕ ӕмӕ ӕд хуылфыдзаумӕттӕ. Райсоммӕ дзы ма ныууадзут; куы ма дзы баззайа, уӕд ӕй ӕрбабонмӕ басудзут артыл. Куы йӕ хӕрат, уӕд уӕ дарӕс уӕ уӕлӕ, уӕ дзабыртӕ уӕ къӕхтыл, уӕ лӕдзджытӕ уӕ къухты хъуамӕ уой. Архайут рӕвдздӕр ӕй бахӕрыныл – уый Куадзӕны нывонд у Дунедарӕгӕн. Ӕз уыцы ӕхсӕв ӕрзилдзынӕн Мысыры зӕххыл. Адӕймагӕй фосы онг амардзынӕн алы фыццаг гуырды дӕр. Ӕмӕ тӕрхон рахӕсдзынӕн ӕппӕт мысыраг хуыцӕуттӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн! Цы хӕдзӕртты цӕрут, уыдоныл туг уыдзӕн нысанӕн. Ӕз фендзынӕн уыцы туг ӕмӕ ацӕудзынӕн уӕ рӕзты; Ӕз бафхӕрдзынӕн мысыраг зӕхх, сымахыл та зиан не 'рцӕудзӕн. Уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдыл лӕууӕд уыцы бон. Уеппӕт фӕлтӕртӕ ацы бӕрӕгбон бӕрӕг кӕнӕнт Дунедарӕджы номыл. Бӕрӕг ӕй кӕнут – уый уын мыггагмӕ лӕвӕрд ӕгъдау у. Авд боны хӕрут донгонд дзултӕ; тӕккӕ фыццаг бон фесафут, уӕ хӕдзӕртты ӕнхъызтӕй цыдӕриддӕр ис, уый. Уымӕн ӕмӕ фыццаг бонӕй ӕвдӕм боны онг ӕнхъызт чи бахӕра, уыцы адӕймаг фӕхъӕудзӕн Израилӕй. Фыццаг бон ӕмӕ ӕвдӕм бон уын уӕд ӕмбырд Хуыцаумӕ бакувынӕн. Хӕринаг саразынӕй уӕлдай уыцы бонты мацы кусут. Ма рох кӕнут донгонд дзулты бӕрӕгбон, уымӕн ӕмӕ уӕ Ӕз уыцы бонты ракодтон Мысыры зӕххӕй – ӕфсады иу къорд иннӕйы фӕдыл цӕуӕгау. Уӕ фидӕны фӕлтӕртӕ бӕрӕг кӕнӕнт уыцы бон – уый уын мыггагмӕ лӕвӕрд ӕгъдау у. Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм боны изӕрӕй иу ӕмӕ ссӕдзӕм боны изӕрмӕ хӕрут донгонд дзултӕ. Уӕ хӕдзӕртты авд боны ма уӕд ӕнхъизӕн; уымӕн ӕмӕ ӕнхъызт хойраг цы адӕймаг хӕра, уый фӕхъӕудзӕн Израилы адӕмӕй – ӕрцӕуӕггаг уа ӕви бынӕттон цӕрӕг. Ӕнхъызт цы у, ахӕмӕй мацы хӕрут; кӕмдӕриддӕр ма ӕрбынӕттон ут, – хӕрут донгонд дзул». Моисей ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт израилаг хистӕрты ӕмӕ сын загъта: «Уӕ бинонтӕн равзарут уӕрыкк ӕмӕ йӕ аргӕвдут Куадзӕны нывондӕн. Райсут иссопы гуцъула, сӕвдулут ӕй, къусы цы туг ис, уым, ӕмӕ дзы байсӕрдут хӕдзары дуары тарвӕзтӕ ӕмӕ уӕлкъӕсӕр; ӕмӕ уӕ райсоммӕ йӕ хӕдзары дуарӕй мачи рахизӕд. Уӕд Дунедарӕг рацӕудзӕн Мысыр бафхӕрынмӕ, фендзӕн туг дуары тарвӕзтыл ӕмӕ уӕлкъӕсӕрыл ӕмӕ ацӕудзӕни дуӕртты рӕзты; удхӕссӕджы уӕ фесафынмӕ нӕ бауадздзӕн уӕ хӕдзӕрттӕм. Уадз уый сымахӕн ӕмӕ уӕ байзӕддагӕн уӕд мыггагмӕ ӕххӕстгӕнинаг ӕгъдау. Ацы бон бӕрӕг кӕнут, Дунедарӕг уын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уымӕ куы бацӕуат, уӕд. Уӕ байзӕддӕгтӕ уӕ куы бафӕрсой: „Уый цавӕр ӕгъдау у?“, Уӕд зӕгъут: „Мысырӕгты куы цагъта, уӕд израилаг адӕмы хӕдзӕртты рӕзты чи ацыд ӕмӕ нын нӕ хӕдзӕрттӕ чи бахызта, ай уыцы Дунедарӕгӕн Куадзӕны нывонд у“». Адӕм ӕрлӕууыдысты сӕ зонгуытыл ӕмӕ ныллӕг ӕркуывтой Дунедарӕгӕн. «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн алчертӕм ӕмӕ динамонджытӕм. Рахӕсдзысты Йын марыны тӕрхон Ӕмӕ Йӕ ратдзысты муртаттӕм, цӕмӕй Дзы уыдон фӕхынджылӕг кӕной, ехсӕй Йӕ фӕнӕмой ӕмӕ Йӕ байтындзой, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». Уӕд сын рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ радта дзуарыл байтындзынмӕ. Пилаты фӕндыд адӕмы зӕрдӕ балхӕнын, ӕмӕ сын рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ радта дзуарыл байтындзынмӕ. „Адӕймаджы Фырт хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа тӕригъӕдджын адӕмы къухтӕм, байтындздзысты Йӕ дзуарыл ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн"». Нӕ алчертӕ ӕмӕ Йӕ нӕ хицӕуттӕ радтой мӕлӕты тӕрхон Ын рахӕссынмӕ, ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтыгътой. Ӕрӕввахс Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Фыдмӕ Йӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта йӕхионты ацы дунейы, бауарзта сӕ кӕронмӕ. Ӕппынфӕстаг Пилат сразы семӕ, ӕмӕ Йесойы радта дзуарыл байтындзынмӕ. Ӕмӕ Йӕ акодтой.
Выбор основного перевода