Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фарисейтӕ рацыдысты ӕмӕ уынаффӕ кодтой, Йесойы цы амалӕй амарой, ууыл. Фӕлӕ сын Йесо сӕ фӕнд базыдта, ӕмӕ ацыди уырдыгӕй. Нӕ фыдӕл Давиды, Дӕ лӕггадгӕнӕджы, дзыхӕй Ды Сыгъдӕг Уды фӕрцы загътай: „Цӕмӕн змӕнтынц муртаттӕ, ӕмӕ адӕмтӕ цӕмӕн кӕнынц, кӕмӕй ницы рауайдзӕн, ахӕм фӕнд? Ӕрлӕууыдысты хӕстӕввонгӕй зӕххон паддзӕхтӕ, ӕмӕ ӕлдӕрттӕ ӕрӕмбырд сты иумӕ Хуыцауы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы ныхмӕ". Ӕмӕ ӕцӕгӕй Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттимӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ ӕрӕмбырд сты ацы сахары, Кӕй байсӕрстай, Дӕ уыцы сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ, Цӕмӕй сӕххӕст кӕной, Дӕ хъомысмӕ ӕмӕ Дӕ фӕндмӕ гӕсгӕ рагагъоммӕ цы снысан кодтай, уый.
Выбор основного перевода