Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕниу, Адӕймаджы Фырт фӕивгъуыйы, Сыгъдӕг Фыст Дзы куыд зӕгъы, афтӕ. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, Адӕймаджы Фыртыл гадзрахатӕй цы адӕймаг рацӕуа, уымӕн. Уыцы адӕймаг фӕлтау куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид». Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Пехуымпартӕ цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл куыд зынтӕй ӕууӕндут! Ӕмӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уый тыххӕй дзырдтон, Моисейы Ӕгъдауы, пехуымпарты чингуыты ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ». Ӕмӕ сын загъта: «Сыгъдӕг Фыст афтӕ зӕгъы, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид;
Выбор основного перевода