Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕргом кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Иерусалиммӕ ӕмӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухтӕй; амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн. Уӕд Ӕй Петр фӕхибар кодта ӕмӕ Йын райдыдта уайдзӕф кӕнын: «Хуыцау Дӕ уымӕй бахизӕд, Хицау! Уыцы бӕллӕх дыл ма ӕрцӕуӕд!» Йесо разылд ӕмӕ Петрӕн загъта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, хӕйрӕг! Ды Мын цӕлхдур дӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ, Хуыцауы фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕндон цы у, ууыл сты». Уыдон Йесойы мард иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ батыхтой, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕуыл бапырх кодтой, уыцы мӕрддзӕгты.
Выбор основного перевода