Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, раздӕр Илиа хъуамӕ ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна. Ӕмӕ уӕдӕ Фыст цӕмӕн афтӕ зӕгъы, Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ удхар ӕмӕ хынджылӕггаг фӕуа, зӕгъгӕ? Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Пехуымпартӕ цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл куыд зынтӕй ӕууӕндут! Чырыстийӕн афтӕ фӕхъизӕмар кӕнын ӕмӕ Йӕ намыс райсын не 'мбӕлд, ӕви?» Ӕмӕ сын, Моисейӕ ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ иууылдӕр. Ӕмӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уый тыххӕй дзырдтон, Моисейы Ӕгъдауы, пехуымпарты чингуыты ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ». Уӕд сын байгом кодта сӕ зонд Сыгъдӕг Фыст ӕмбарынӕн, Ӕмӕ сын загъта: «Сыгъдӕг Фыст афтӕ зӕгъы, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид; Йесо зыдта, ныридӕгӕн ӕппӕт дӕр кӕй сӕххӕст, уый. Ӕмӕ загъта, Сыгъдӕг Фысты цы загъдӕуыд, уый куыд сӕххӕст уа, афтӕ: «Дойны Мын у».
Выбор основного перевода