Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иуды
1
Параллельные места
Уазджытӕ нӕма схуыссыдысты, афтӕ Содомы сахары ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕ, ӕрыгонӕй зӕрондмӕ, иууылдӕр ӕртыхстысты хӕдзарыл, Хъӕр кодтой Лотмӕ, дзырдтой йын: «Дӕумӕ изӕры чи ӕрцыд, уыцы адӕймӕгтӕ кӕм сты? Ракӕн нӕм сӕ ӕмӕ сыл нӕхи аирхӕфсӕм». Лот йӕ фӕдыл дуар сӕхгӕдта, рацыди сӕм ӕддӕмӕ, Ӕмӕ сын загъта: «Ме 'фсымӕртӕ, ахӕм ӕвирхъау ми ма бакӕнут. Байхъусутма, мӕнӕн ис, нӕлгоймаг чи нӕма базыдта, дыууӕ ахӕм чызджы; фӕлтау уыдоны рахондзынӕн сымахмӕ, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый сын бакӕнут; ӕрмӕст мӕ хӕдзармӕ ӕрбацӕуджытӕн ӕвзӕрӕй мацы саразут, уымӕн ӕмӕ мӕ хӕдзары уазӕг бакодтой сӕхи». Фӕлӕ уыдон загътой: «Ахъуыдты у нӕ фӕндагӕй». Ӕмӕ ма сӕ ныхасмӕ бафтыдтой: «Кӕсма йӕм, ӕрцӕуӕггаг у, афтӕмӕй йӕ махӕн тӕрхонгӕнӕгӕй ныллӕууын фӕнды. Ныр мах дӕуӕн уыдонӕй ӕвзӕрдӕр митӕ бакӕндзыстӕм». Лӕгдыхӕй фӕстӕмӕ ахӕцыдысты Лотыл – хъуамӕ асастаиккой дуар. Фӕлӕ уыцы лӕгтӕ сӕ къухтӕ радардтой ӕддӕмӕ, Лоты бакодтой хӕдзармӕ ӕмӕ дуар сӕхгӕдтой. Дуары ӕдде цы адӕм уыди, уыдоны та, чысылӕй стырмӕ, бакуырм кодтой, ӕмӕ фыдӕбоны хай фесты дуар агургӕйӕ. Уазджытӕ Лотӕн загътой: «Ам ма дын чи ис? Дӕ сиӕхстӕ, дӕ фырттӕ, дӕ чызджытӕ кӕнӕ ма дын ӕндӕр исчи сахары ис? Акӕн сӕ ацы бынатӕй. Мах ацы бынат фесафдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йыл Хуыцаумӕ стыр хъаст ссыди, ӕмӕ мах рарвыста йӕ фесафынмӕ». Лот рацыд, йӕ чызджыты йын чи хъуамӕ ракуырдтаид, йӕ уыцы сиахсӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Сыстут ӕмӕ ацӕут ацы бынатӕй: Хуыцау рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ йын уыдон йӕ ныхӕстӕ хъазынмӕ бамбӕрстой. Боныцъӕхтыл зӕдтӕ дзырдтой Лотӕн, цӕмӕй фӕтагъддӕр кӕна: «Рӕвдздӕр акӕн ардыгӕй дӕ усы, демӕ чи ис, дӕ уыцы дыууӕ чызджы, науӕд фесӕфдзынӕ ацы тӕригъӕдджын сахаримӕ». Фӕлӕ Лот нӕ тагъд кодта. Уӕд уыцы дыууӕ лӕджы, Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ, ныххӕцыдысты Лоты, йӕ усы, йӕ дыууӕ чызджы къухтыл ӕмӕ сӕ ракодтой фӕссахармӕ. Сахар фӕсте куы аззад, уӕд лӕгтӕй иу загъта: «Дӕхи бахиз; фӕстӕмӕ ма акӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу. Лидзгӕ кӕн хохмӕ, науӕд фесӕфдзынӕ». Фӕлӕ сын Лот загъта: «Нӕ, мӕ Паддзах! Дӕ цагъар Дӕ цӕсты сси аудыны аккаг; кӕй мӕ фервӕзын кодтай, дӕ уыцы хорзӕх егъау у. Фӕлӕ хохмӕ нӕ бахӕццӕ уыдзынӕн: бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл ӕмӕ фесӕфдзынӕн. Дӕлӕ уыцы сахар дард нӕу, бахӕццӕ йӕм уыдзынӕн, стӕй гыццыл сахар у. Раттут мын уырдӕм алидзыны бар, бынтон гыццыл сахар у – уым баззайдзынӕн удӕгасӕй». Уый йын загъта: «Хорз, дӕу афтӕ фӕнды, ӕмӕ дын уый дӕр сараздзынӕн: ды цы сахарӕй зӕгъыс, уый нӕ фесафдзынӕн. Рӕвдздӕр згъоргӕ уырдӕм; уымӕн ӕмӕ ды цалынмӕ уырдӕм бахӕццӕ уай, уӕдмӕ Мӕ бон ницы бакӕнын у». Уымӕ гӕсгӕ йӕ схуыдтой Сигор. Хуры скастмӕ Лот бахӕццӕ Сигормӕ. Ӕмӕ Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй, къӕвдайау, ӕркалдта судзгӕ сондон. Хуыцау фесӕфта уыцы сахартӕ, ӕппӕт дӕлвӕз, сахарты ӕппӕт цӕрджыты ӕмӕ, уыцы зӕххыл цы зайӕгойтӕ уыди, уыдон иууылдӕр. Фӕлӕ Лот Содомӕй куы рацыд, уыцы бон уӕларвӕй ӕруарыд цӕхӕр сондонимӕ ӕмӕ сеппӕты дӕр фесӕфта. Ӕниу дӕм хорзӕй уый ис, ӕмӕ николаитты хъуыддӕгтӕ Мӕнӕн куыд ӕнӕуынон сты, афтӕ ӕнӕуынон сты дӕуӕн дӕр. Цы хъизӕмӕрттӕ бавзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕн дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕддӕр баззай иузӕрдионӕй ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг – мыггагмӕйы цард.
Иуды
1
Выбор основного перевода