Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иуды
1
Параллельные места
Иаредыл сӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы куы рацыд, уӕд ын райгуырд Енох. Мафусалы райгуырды фӕстӕ Енох Хуыцауӕн фӕндиагӕй фӕцард ӕртӕсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. «Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ намысджынӕй куы ӕрцӕуа, уӕд сбаддзӕн Йӕ намысджын бынаты. Уыцы ныхӕстӕ зӕгъыны фӕстӕ сӕ цӕстыты раз Йесойы систӕуыд, ӕврагъ Ӕй ӕрбатыхта ӕмӕ Йӕ апостолтӕ нал федтой. Йесо уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр куы цыд ӕмӕ сӕ цӕстытӕ арвӕй куы нал истой, уӕд ӕваст сӕ разы февзӕрд дыууӕ лӕджы урс-урсид дарӕсы, Ӕмӕ загътой: «Галилейаг лӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, уыцы Йесо ӕрыздӕхдзӕн, ныртӕккӕ Йӕ уӕлӕрвтӕм ацӕугӕ куыд федтат, афтӕ». Мӕнӕ Уый ӕрцӕуы ӕврӕгътимӕ, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныдздзыназдзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ. Бӕгуыдӕр, афтӕ уыдзӕн! Амен. «Ӕз дӕн Алфӕ ӕмӕ Омегӕ, [райдиан ӕмӕ кӕрон]», – зӕгъы Хицау Хуыцау, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, уыцы Дунедарӕг.
Иуды
1
Выбор основного перевода