Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иуды
1
Параллельные места
Хуыцауы Уд бӕлвырд зӕгъы: рӕстӕджы кӕрон бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, баууӕнддзысты фӕлитой удтыл ӕмӕ дӕлимонты ахуырӕдтыл. Израилаг адӕмы ӕхсӕн мӕнгпехуымпартӕ куыд уыдис, афтӕ сымахӕн дӕр уыдзӕн мӕнгахуыргӕнджытӕ; уыдон ӕрхӕсдзысты семӕ мӕлӕтмӕ тӕрӕг мӕнгахуырӕдтӕ, сӕхи атигъ кӕндзысты сӕрибар сын ӕрхӕссӕг Хицауыл, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи ӕвиппайды бакӕндзысты мӕлӕты амӕддаг. Фыццаджыдӕр зонут, рӕстӕджы кӕрон кӕй фӕзындзысты, сӕ чъизи монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ. Уыдон уыл худдзысты: Афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдон нӕ зонынц: Хуыцауы ныхасӕй рагзаманы арв ӕмӕ зӕхх скондӕуыд донӕй ӕмӕ доны фӕрцы.
Иуды
1
Выбор основного перевода