Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иуды
1
Параллельные места
Уӕдӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕстӕн Хуыцауы зӕрдӕ балхӕнын сӕ бон нӕу. Сымах та уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕс не стут, фӕлӕ – Удӕн, кӕд Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты цӕры, уӕд. Кӕд искӕмӕ Чырыстийы Уд нӕй, уӕд уый та Чырыстийы нӕу. Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхи хизут, цӕуыл сахуыр стут, уыцы ахуырад чи ницӕмӕ дары, афтӕмӕй аргъуантӕ чи дих кӕны ӕмӕ фӕкӕлыны хос чи у, уыдонӕй – ӕмгӕрон сӕм ма цӕут. Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы у, уый нӕ хъары – ӕнӕзондыл ӕй нымайы, ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы. Иуӕй-иутӕ куыд сахуыр сты, уыйау мах ма уадзӕм не 'мбырд, фӕлӕ ныфс дӕттӕм кӕрӕдзийӕн, уыцы бон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, афтӕ ноджы ӕнувыддӕрӕй. Уый нӕу уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд, фӕлӕ у зӕххон, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй рацӕугӕ, хӕйрӕджы лӕвӕрд.
Иуды
1
Выбор основного перевода