Уыдонӕн сӕ кӕрон – бынсӕфт, сӕ хуыцау – сӕ гуыбын, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уымӕй сты сӕрыстыр. Сӕ мӕт у зӕххон цардыл.
Уыдон та фауынц, цы не 'мбарынц, уый. Ӕрцахсынӕн ӕмӕ ӕргӕвдынӕн чи райгуырд, ахӕм ӕнӕзонд цӕрӕгойтӕй уӕлдай не сты, кӕсынц се 'рдзыхъӕды коммӕ, ӕмӕ кӕй фехӕлдысты, уый сӕ ӕркӕндзӕни сӕфтмӕ.