Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иуды
1
Параллельные места
Зӕгъын уын: алы ӕнӕууылд ныхасы тыххӕй дӕр адӕм тӕрхоны бон ратдзысты дзуапп. «Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ намысджынӕй куы ӕрцӕуа, уӕд сбаддзӕн Йӕ намысджын бынаты. Ома, Ӕгъдау лӕвӕрд у рӕстгӕнӕгӕн нӕ, фӕлӕ йӕ чи не 'ххӕст кӕны, уыдонӕн, ӕмӕ хивӕндтӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕн, тӕригъӕдджынтӕн, сыгъдӕг цы у, уый ницӕмӕдарджытӕн ӕмӕ фауджытӕн, фыд ӕмӕ мады ӕфхӕрджытӕн, лӕгмартӕн, Кӕд Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахарты фестын кодта ӕртхутӕг, ӕмӕ сын уымӕй рахаста сӕ сыскъуыныны тӕрхон, фидӕны ӕнӕхуыцӕуттӕн уый зондыхос куыд уа, афтӕ; Хӕлд адӕмы ӕлгъаг цардӕй чи сфӕлмӕцыд, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты та фервӕзын кодта – Уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстгӕнӕг царди се 'хсӕн, ӕмӕ алы бон дӕр йӕ зӕрдӕ рысти, се 'нӕуаг хъуыддӕгтӕ сын кӕй уыдта ӕмӕ хъуыста, уымӕй, – Уӕд Хицау зоны, рӕстгӕнджытӕ фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзынгӕнгӕ сты, ӕнӕхуыцӕуттӕ та сӕ бафхӕрыны тыххӕй тӕрхоны бонмӕ куыд ныууадзгӕ сты, уый –
Иуды
1
Выбор основного перевода