Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иуды
1
Параллельные места
Адӕм ӕппӕт зӕххыл райдыдтой фылдӕрӕйфылдӕр кӕнын. Гуырди сын чызджытӕ, Уӕ фыд хӕйрӕг у, ӕмӕ уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын уӕ фӕнды. Уый райдианӕй лӕгмар уыди, ӕцӕгад ӕм нымады дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕм ӕцӕгад нӕй. Уый мӕнг куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ кӕнон фӕкӕны, уымӕн ӕмӕ у мӕнгард ӕмӕ мӕнгарддзинады фыд. Кӕд тӕригъӕды чи бафтыд, Хуыцау уыцы зӕдтыл нӕ бацауӕрста, ныппӕрста сӕ зындонмӕ ӕмӕ сӕ тӕрхоны бонмӕ талынджы дары рӕхыстӕй бастӕй; Уӕд Хицау зоны, рӕстгӕнджытӕ фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзынгӕнгӕ сты, ӕнӕхуыцӕуттӕ та сӕ бафхӕрыны тыххӕй тӕрхоны бонмӕ куыд ныууадзгӕ сты, уый – Сӕ асайӕг хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.
Иуды
1
Выбор основного перевода