Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иуды
1
Параллельные места
Чи баууӕнда ӕмӕ кӕуыл саргъуыдӕуа, уый фервӕздзӕни; чи нӕ баууӕнда, уый та уыдзӕни тӕрхонгонд. Чи Йыл ӕууӕнды, уымӕн тӕрхон нӕй, чи нӕ Йыл ӕууӕнды, уый та ныридӕгӕн тӕрхонгонд у, уымӕн ӕмӕ нӕ баууӕндыд Хуыцауы Иунӕг Фыртыл. Афтӕ Хуыцау дӕр – фӕндыд Ӕй Йӕ азар ӕмӕ Йӕ хъомыс равдисын, уӕддӕр тынг фӕразонӕй быхста, фесафынмӕ цӕттӕ чи уыд ӕмӕ Йӕ азар кӕуыл хъуамӕ ныккалдтаид, уыдонӕн. Кӕд нӕм мӕнгӕфсымӕртӕ куыддӕрты ӕрбаирвӕзтысты, уӕддӕр. Уыдон нӕм сӕхи ӕрбайстой, Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нын цы сӕрибар ис, уымӕ сусӕгӕй цӕст дарынмӕ ӕмӕ махӕй цагъартӕ скӕнынмӕ. Израилаг адӕмы ӕхсӕн мӕнгпехуымпартӕ куыд уыдис, афтӕ сымахӕн дӕр уыдзӕн мӕнгахуыргӕнджытӕ; уыдон ӕрхӕсдзысты семӕ мӕлӕтмӕ тӕрӕг мӕнгахуырӕдтӕ, сӕхи атигъ кӕндзысты сӕрибар сын ӕрхӕссӕг Хицауыл, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи ӕвиппайды бакӕндзысты мӕлӕты амӕддаг.
Иуды
1
Выбор основного перевода