Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иуды
1
Параллельные места
Кад Хуыцауӕн! Йӕ бон у сымахӕн хъару раттын; ууыл дзурӕг у, Йесо Чырыстийы тыххӕй ӕз кӕй хъусын кӕнын, уыцы фарны уац. Уым ӕргом кӕны Хуыцауы сусӕг фӕнд – уый ӕнусты дӕргъы ӕмбӕхст уыди, Хуыцауӕн Йӕ бон у, цы курӕм кӕнӕ нӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр цы нӕй, уымӕй дзӕвгар фылдӕр саразын. Ахӕм домбай у, нӕ фӕрцы йӕхи чи ӕвдисы, Йӕ уыцы тых. Ӕмӕ уӕ бон уа, хуыздӕр цы у, уый равзарын. Уӕд Чырыстийы ӕрцыды бон уыдзыстут сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау, Ныр та уӕ бафидауын кодта Йемӕ, Чырысти адӕймаджы буары кӕй амард, уый фӕрцы, цӕмӕй Хуыцауы раз уат сыгъдӕг, ӕнаипп ӕмӕ ӕнӕфау. Уӕдӕ уӕ фарндӕттӕг Хуыцау Йӕхӕдӕг ссыгъдӕг кӕнӕд бынтондӕр – уӕ уд, уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ буар – ӕппӕт дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ӕрцыды бон ӕнаипп куыд разына, афтӕ. Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, бацархайут, Йӕ разы сыгъдӕгӕй, ӕнаиппӕй ӕмӕ Йемӕ фидыдӕй ӕрлӕууыныл.
Иуды
1
Выбор основного перевода