Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иуды
1
Параллельные места
Ӕрмӕст уӕ цард уӕд Чырыстийы фарны уацмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд фендзынӕн, кӕнӕ фӕсаууонмӕ фехъусдзынӕн, сымах кӕй стут ӕмуд, ӕмзӕрдӕйӕ кӕй тох кӕнут, фарны уац йӕ бындур кӕмӕн у, уыцы уырнындзинадыл, Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау. Ӕнувыдӕй тох кӕн уырнындзинадыл, фидар хӕц мыггагмӕйы цардыл. Уыцы цардмӕ дӕ ӕрхуындӕуыд, ӕмӕ йӕ сӕраппонд дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргомӕй загътай бирӕ ӕвдисӕнты раз. Ӕз фыссын Титмӕ, нӕ иумӕйаг уырнындзинады фӕрцы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Фарн ӕмӕ дын хорзӕх Фыд-Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийӕ. Уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй архайут уӕ уырнындзинадмӕ хорз хъуыддӕгтӕ бафтауыныл, уӕ хорз хъуыддӕгтӕм та – зонынад, Уыдон базыдтой раст фӕндаг, фӕлӕ ныууагътой, цы сыгъдӕг фӕдзӕхст сын лӕвӕрд ӕрцыд, уый. Уыцы раст фӕндаг куы нӕ базыдтаиккой, уӕд сын хуыздӕр уыдаид.
Иуды
1
Выбор основного перевода