Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иуды
1
Параллельные места
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Каин зӕххы бӕркадӕй нывонд ӕрхаста Хуыцауӕн. Авел дӕр йӕ дзуджы фыццаг цӕуӕты хӕрзхаст уӕрыччытӕй ӕмӕ сӕ фиуӕй ӕрхаста нывонд. Авел ӕмӕ йӕ нывонд Хуыцауӕн фӕндон уыдысты, Каин ӕмӕ йӕ нывонд та Хуыцауӕн фӕндон нӕ уыдысты. Каин тынг смӕсты ӕмӕ йӕ сӕр ӕруагъта. Хуыцау загъта Каинӕн: «Цӕмӕн смӕсты дӕ, ӕмӕ дӕ сӕр цӕмӕн ӕруагътай? Хорз куы кӕнай, уӕд дӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕсдзынӕ, ӕви? Хорз куы нӕ кӕнай, уӕд та тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл ӕрӕмбӕхст; хъавы дӕм, фӕлӕ йӕ ды уӕлӕмӕ скӕсын ма бауадз». Каин йе 'фсымӕр Авелӕн загъта: «Цӕуӕм быдырмӕ». Ӕмӕ быдыры куы уыдысты, уӕд Каин йӕхи ныццавта йе 'фсымӕр Авелыл ӕмӕ йӕ амардта. Зындгонд дын уӕд: рӕстӕджы кӕрон уыдзӕн уӕззау заман. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарз, хиппӕлой, сӕрыстыр, маргӕвзаг, ныййарджытӕн ӕгоммӕгӕс, ӕбузныг, ӕнӕхуыцау, саузӕрдӕ, Нӕбарон, хахуыргӕнӕг, ӕгъатыр; хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, хорзӕй цы ис, уый сын уыдзӕн ӕнӕуынон, Уыдзысты гадзрахат, сӕнтдзӕф, хъал, Хуыцауы уарзыны бӕсты фылдӕр уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ. Сӕхи ӕвдисдзысты афтӕ, цыма Хуыцауы нымайынц, Йӕ хъаруйыл та Йын сӕхи атигъ кӕндзысты. Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу. Уыдоны хуызӕттӕ ӕрбаирвӕзынц хӕдзӕрттӕм, ӕмӕ сӕ уацары бахауынц, тӕригъӕдты чи аныгъуылди, сӕ алы мондӕгты коммӕ чи кӕсы, ахӕм ӕнӕзонд сылгоймӕгтӕ – Иудадзыг ахуыр чи кӕны, фӕлӕ ӕцӕгад базонын кӕй бон нӕу, ахӕмтӕ. Ианний ӕмӕ Иамврий Моисейы ныхмӕ куыд лӕууыдысты, афтӕ уыцы адӕймӕгтӕ дӕр сты ӕцӕгады ныхмӕ, сӕ зонд ныззыгъуыммӕ, ӕцӕг уырнындзинадимӕ сын иумӕйагӕй ницы ис. Ныууагътой раст фӕндаг, фӕдзӕгъӕл сты ӕмӕ ацыдысты Восоры фырт Валаамы фӕндагыл – уый бабӕллыд йӕ тӕригъӕды тыххӕй мызд райсынмӕ, Каины хуызӕн ма ут. Уый хӕйрӕгӕй уыд ӕмӕ амардта йе 'фсымӕры. Ӕмӕ йӕ цӕмӕн амардта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты, йе 'фсымӕры хъуыддӕгтӕ та – раст. Фӕлӕ дӕ уӕддӕр иуцасдӕр азымджыныл нымайын, уымӕн ӕмӕ уӕм ис, Валаамы ахуырадыл хӕст чи у, ахӕмтӕ; Валаам та сахуыр кодта Валакы, ӕмӕ уый Израилы адӕмы сардыдта мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕ хӕрыныл ӕмӕ хӕтыныл.
Иуды
1
Выбор основного перевода