Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иуды
1
Параллельные места
Ай хъӕддӕсныйы фырт нӕу, мыййаг? Йӕ Мад Мариа нӕ хуыйны? Иаков, Иосиф, Симон ӕмӕ Иудӕ Йе 'фсымӕртӕ не сты? Иаковы фырт Иудӕйы ӕмӕ Иудӕ Искариоты – Йесойыл фӕстӕдӕр гадзрахатӕй чи рацыди, уый. Иудӕ Йын (Искариот нӕ) загъта: «Хицау, уый куыд уыдзӕн, ӕмӕ дунейӕн нӕ, фӕлӕ махӕн Дӕхи раргом кӕнай?» Ӕз ныр дунейы нал дӕн, фӕлӕ уыдон дунейы сты, Ӕз та Дӕумӕ цӕуын. Мӕ Сыгъдӕг Фыд! Бахъахъхъӕн сӕ, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ, Мах иу куыд стӕм, афтӕ уыдон дӕр иу куыд уой. Куы ӕрцыдысты, уӕд схызтысты уӕллаг уатмӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уыдысты уым – Петр, Иоанн, Иаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Иаков, Симон Зилот ӕмӕ Иаковы ӕфсымӕр Иудӕ. Уырнынад уӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау сымах Йӕ хъаруйӕ хъахъхъӕны, цалынмӕ уӕ фервӕзын кӕна, уӕдмӕ. Уыцы ирвӕзындзинад цӕттӕ у, ӕмӕ йӕ Хуыцау раргом кӕндзӕни рӕстӕджы кӕроны.
Иуды
1
Выбор основного перевода