Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иуды
1
Параллельные места
Уыцы хорзӕхы руаджы мах зӕрдӕдаргӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, не стыр Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы намыс кӕд раргом уыдзӕн, уыцы тӕхудиаджы бонмӕ. Ӕнхъӕлмӕ кӕсат ӕмӕ бӕллат Хуыцауы боны ӕрцыдмӕ. Уыцы бон арвыл сирвӕздзӕн арт ӕмӕ ныппырх уыдзӕн, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон фестдзысты цӕхӕр ӕмӕ батайдзысты. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргъӕй бахӕрыны бар". Цы хъизӕмӕрттӕ бавзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕн дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕддӕр баззай иузӕрдионӕй ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг – мыггагмӕйы цард.
Иуды
1
Выбор основного перевода