Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иуды
1
Параллельные места
Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ баппарынц арты. Йесо сын дзуапп радта: «Мӕ Уӕларвон Фыд кӕй нӕ ныссагъта, уыцы зайӕгой рӕдывд ӕрцӕудзӕн ӕд уидӕгтӕ. Сымах иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уын дзы Хицауы ӕхсӕвӕр нӕ рауайы – Алчидӕр батагъд кӕны йӕ ӕхсӕвӕр бахӕрыныл, ӕмӕ иу ӕххормагӕй баззайы, иннӕ та расыг свӕййы. Хӕрынӕн ӕмӕ уын нуазынӕн хӕдзӕрттӕ нӕй, мыййаг? Ӕви Хуыцауы аргъуан ницӕмӕ дарут ӕмӕ мӕгуыртыл дӕлӕмӕ хӕцут? Цы уын зӕгъон? Уый тыххӕй уӕ раппӕлон? Нӕ уӕ раппӕлдзынӕн. Ӕмӕ мауал уӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй хӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайын ма бакомӕм афӕливынмӕ дӕсны хинӕйдзӕгтӕн. Уыдонӕн сӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ бафыстӕуыдзӕн хӕрамӕй. Ӕхсызгон сын сты се 'рвылбоны хиирхӕфсӕнтӕ; ӕлгъаг ӕмӕ ӕгадгӕнджытӕ, райгонд вӕййынц сӕ фӕливӕн митӕй, уемӕ куы фӕцӕл кӕнынц, уӕд. Ахӕмтӕ сты хуыскъ суадӕттӕ, уад кӕй ахӕссы, ахӕм мигътӕ. Уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы саудалынг.
Иуды
1
Выбор основного перевода