Уыдонӕн сӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ бафыстӕуыдзӕн хӕрамӕй. Ӕхсызгон сын сты се 'рвылбоны хиирхӕфсӕнтӕ; ӕлгъаг ӕмӕ ӕгадгӕнджытӕ, райгонд вӕййынц сӕ фӕливӕн митӕй, уемӕ куы фӕцӕл кӕнынц, уӕд.
Ахӕмтӕ сты хуыскъ суадӕттӕ, уад кӕй ахӕссы, ахӕм мигътӕ. Уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы саудалынг.