Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уый уазӕгуаты ис, йӕ хӕдзар денджызы былыл кӕмӕн ис, уыцы цӕрмгуыстгӕнӕг Симонмӕ. [Уый дын зӕгъдзӕни, ды ӕмӕ деппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ.]» Уӕд сӕ Петр бахуыдта ӕмӕ сӕ суазӕг кодта. Дыккаг бон араст и семӕ; йемӕ ма рацыд иоппиаг ӕфсымӕртӕй цалдӕр. Ӕмӕ сын загъта: «Сымах хорз зонут, иудейӕн кӕй нӕй муртатимӕ ӕмбӕлыны кӕнӕ йӕм хӕдзармӕ бацӕуыны бар. Фӕлӕ мын Хуыцау раргом кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр ӕлгъаг ӕмӕ чъизийыл куыд нӕ нымайон, афтӕ. Арвит Иоппимӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. Уый уазӕгуаты ис цӕрмгуыстгӕнӕг Симоны хӕдзары, денджызы былыл".
Выбор основного перевода